Что такое findslide.org?

FindSlide.org - это сайт презентаций, докладов, шаблонов в формате PowerPoint.


Для правообладателей

Обратная связь

Email: Нажмите что бы посмотреть 

Яндекс.Метрика

Презентация на тему по родной литературе на тему Калоты Хазби

Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы Захъайы. Йæ сабибонтæ арвыста ам, йæ цахъхъæнтау цыди уæлыгæс, хосдзаутæн уыди дондзау. Бинонтæ 20-æм азты ралыгъдысты быдырмæ, æрбынат кодтой Къостайы хъæуы. Ам лæппу каст фæци скъола æмæ бацыд рабфакмæ.
КАЛОТЫ ХАЗБИ Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы Захъайы. Йæ сабибонтæ арвыста ам, Ирон поэзийы ахъаззаг фæзынд уыдис Хазбийы хæстон лирикæ. Хазби у лирик æмæ Балладæ «Кард»чысыл иуварс лæууы иннæ уацмыстæй. Уый у традицион, æвдисы фæлтæрты иудзинад, Поэтæн фашизм у залиаг калм, фашистон æфсад у мæлæтхæссæг, советон адæмы хæст Хæстмæ цæуын у традицион мотив. Хазби йæ систа стыр аивады бæрзæндмæ. «Хорзæй Поэт йæ фæндыр ныууагъта æмæ райста хотых – уый у нæртон традици, Æмдзæвгæйæ æмдзæвгæмæ зæххы темæ æвдыст цæуы ирддæр æмæ арфдæр. «Уæ нæ зæхх, Поэт йæ иу фыстæджы фыста: «Карз хæст адæймаджы кæны сыгъдæгдæр æмæ растдæр, Хазбийы лирикон курдиат æххæстæй раргом ис йæ хæстон æмдзæвгæты. Уыдоны ис арф Хæст уыди тыхæвзарæн æмæ рæстæвзарæн. Советон адæм хæцыдысты цард æмæ сæрибары сæраппонд,
Слайды презентации

Слайд 2

Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы Захъайы.

Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы Захъайы. Йæ сабибонтæ арвыста

Йæ сабибонтæ арвыста ам, йæ цахъхъæнтау цыди уæлыгæс, хосдзаутæн

уыди дондзау. Бинонтæ 20-æм азты ралыгъдысты быдырмæ, æрбынат кодтой Къостайы хъæуы. Ам лæппу каст фæци скъола æмæ бацыд рабфакмæ. 1938 азы сси Калачы паддзахадон университеты студент, ахуыр кодта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Иу семестры фæстæ раивта Цæгат Ирыстоны пединститутмæ. Фæстаг курсы студент уыд, афтæмæй 1941 азы августы ацыди хæстмæ. Афæдзы бæрц ахуыр кодта Сталинграды облæсты Камышины танкистты скъолайы. Райста кæстæр лейтенанты цин. 1942 азы октябрæй фæстæмæ уыд хæцæг æфсады.

Слайд 3 Ирон поэзийы ахъаззаг фæзынд уыдис Хазбийы хæстон лирикæ.

Ирон поэзийы ахъаззаг фæзынд уыдис Хазбийы хæстон лирикæ. Хазби у лирик

Хазби у лирик æмæ йæ уацмысты нæй фæдисон хъæртæ,

бæгънæг лодзунгтæ. Советон поэзи цадæггай, «цауты æддаг фарс цы жанртæ æвдыстой, уыдонæй æмæ сюжетон æмдзæвгæтæй раздæхт сыгъдæг лирикон æмдзæвгæмæ… Хæст нæ поэзийы бауагъта лирикон уддзæф, фæарфдæр ис йæ эмоцион зæлынад, арбаввахсдæр æй кодта адæм æмæ йæ хъайтармæ». Уыцы миниуджытæ Хазбийы лирикæйы хицон уыдысты суанг йæ райдайæнæй.


Слайд 4 Балладæ «Кард»чысыл иуварс лæууы иннæ уацмыстæй. Уый у

Балладæ «Кард»чысыл иуварс лæууы иннæ уацмыстæй. Уый у традицион, æвдисы фæлтæрты

традицион, æвдисы фæлтæрты иудзинад, нывæфтыд кæны, нæ зæххыл хъайтарон

æмæ патриотон фæтк кæй хæлы, уыцы хъуыды. Традицион у «Фæстаг салам» дæр. Фæлæ ам хæстон энтузиазм ис лиризмы дарæсы. Иугæр хæст цæуы, уæд патриоты амонд ис карз тохы, «нæй йын фæсвæндагмæ здæхæн». Амондыл хъæуы тох кæнын, уымæ гæсгæ поэт зæгъы: «Æз лæгæй лæджыхъæд домын, Хорзы агурын æмбалæн». Ахæм у йæ эпикон зондахаст.


Слайд 5 Поэтæн фашизм у залиаг калм, фашистон æфсад у

Поэтæн фашизм у залиаг калм, фашистон æфсад у мæлæтхæссæг, советон адæмы

мæлæтхæссæг, советон адæмы хæст та у «тох цард æмæ

рæстдзинадыл». «Мæлæт æмæ хъаймæт балымæн сты уыцы цъаммæрттимæ, – фыссы Хазби. – Сар йæ сæр кæны, чи фæтаса, йæ хотых чи аппара, лидзæг чи фæуа, уымæн.
Хазби фыста, зæгъгæ, «будущее за стихотворениями в прозе». Фæд-фæдыл æвзæрдысты прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ «Карз хæст райдыдта», «Залиаг калм», «Хорзæй баззай, Ир» æмæ æндæртæ. Уыдон сты аив, нывджын, æнкъарæнджын, арф æвдисынц патриоты зæрдæйы уаг, йæ уарзт, йæ рухс бæллицтæ.


Слайд 6 Хæстмæ цæуын у традицион мотив. Хазби йæ систа

Хæстмæ цæуын у традицион мотив. Хазби йæ систа стыр аивады бæрзæндмæ.

стыр аивады бæрзæндмæ. «Хорзæй баззай, Ир» уыд ног поэтикон

фæзынд. Лирикон алæмæт у æлвæст æмдзæвгæ «Æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл». Аст рæнхъы нывæфтыд æрцыд поэт-патриоты уавæр, йæ хъысмæт, йæ цард æмæ йæ тохы нысан. Йæ алы ныхас дæр у ныфс æмæ лæгдзинады æвдисæн. Ам хæст нæма ис, фæлæ дзы ис хæстоны уавæр:
Æз, ныфсхаст цæргæс, мæ базыртæ ысцагътон
Æмæ тымыгъмæ æнхъæлмæгæс лæууын.


Слайд 7 Поэт йæ фæндыр ныууагъта æмæ райста хотых –

Поэт йæ фæндыр ныууагъта æмæ райста хотых – уый у нæртон

уый у нæртон традици, Хазби йын дæтты трагедион зæлынад.

Хазби сисы бынтон ног мотив – зæххы темæ. Йæ фыццаг хæстон æмдзæвгæйы æрхæндæгæй зæгъы: «Æллæх, цæй тæригъæд у зæхх!», фашисттæ цы зæххыл цæуынц, уый. Æмдзæвгæ «Куы сæтты тымыгъ даргъ бæлæсты» у нывты поэзи, æвдисы хæсты æвирхъау фæстиуджытæ. Зæххы рыст æмæ хъыгтæ сты æгæрон, æмæ поэт тыхсы:
Кæй бон уыдзæни, кæ, нæ фæстæ
Зæххы зæрдæйы маст ныффыссын.


Слайд 8 Æмдзæвгæйæ æмдзæвгæмæ зæххы темæ æвдыст цæуы ирддæр æмæ

Æмдзæвгæйæ æмдзæвгæмæ зæххы темæ æвдыст цæуы ирддæр æмæ арфдæр. «Уæ нæ

арфдæр. «Уæ нæ зæхх, æз дæу тыххæй хæцын!» –

дзуры хæстон поэт (Зымæг… Иу хъæмпын хæдзар – фысым»). Уыцы мотив Хазби систа мифон æмвæзадмæ. Гея æмæ Атей – мад æмæ фырт, сæ иудзинад сси антикон миф. Æмбисондаг сси В.Соколовы стих «Его зарыли в шар земной». Хазби уыцы темæ иртасы арфдæр, уæрæхдæр.
Æз кæуын… Æрзоныг кодтон зæххыл
Æмæ йын йæ риуæн пъа кæнын.
Ма хъæрз, зæхх, мæ уд фæрыст дæ мастæй!


Слайд 9 Поэт йæ иу фыстæджы фыста: «Карз хæст адæймаджы

Поэт йæ иу фыстæджы фыста: «Карз хæст адæймаджы кæны сыгъдæгдæр æмæ

кæны сыгъдæгдæр æмæ растдæр, уарзын ын кæны цард æмæ

адæмы». Цардбæллон адæймаг мæлæты раз кæй ис, уый нын æргом кæны царды трагизм, фæлæ уыимæ Хазбийы æмдзæвгæтæн арф кæны сæ лирикон æууæлтæ.


Слайд 10 Хазбийы лирикон курдиат æххæстæй раргом ис йæ хæстон

Хазбийы лирикон курдиат æххæстæй раргом ис йæ хæстон æмдзæвгæты. Уыдоны ис

æмдзæвгæты. Уыдоны ис арф мидис, уыдон сты нывджын, нывтæ

сты æнæнхъæлæджы фæзындтæ. Арæх дзы алы хуызты æмбæлы дыууæ фæлгонцы – туг æмæ хур, мæлæт æмæ царды символтæ. «Худы туджы 'ртæхты хуры тын» – уый пейзажы хай нæу, метафорæйæн ис символон ахаст, æвдисы цард, рухс æмæ сæрибары уæлахиз.


Слайд 11 Хæст уыди тыхæвзарæн æмæ рæстæвзарæн. Советон адæм хæцыдысты

Хæст уыди тыхæвзарæн æмæ рæстæвзарæн. Советон адæм хæцыдысты цард æмæ сæрибары

цард æмæ сæрибары сæраппонд, хъахъхъæдтой Зæхх æмæ дунейы цивилизаци.

Сæ хæст уыд рæстаг, сæ нысан – рухс, æмæ цыдысты уæлахизмæ. Хæсты цæхæрæй рацыдысты æхсыстæй, сыгъдæгзæрдæйæ, ныфсхастæй. Уый уыд историон æнтыст æмæ æвдыст æрцыди ирон литературæйы. Ирон аив ныхас йæ хуыздæр æнтыстыты нывæфтыд кодта адæмы намысон æмæ психологон уавæр.



  • Имя файла: prezentatsiya-po-rodnoy-literature-na-temu-kaloty-hazbi.pptx
  • Количество просмотров: 255
  • Количество скачиваний: 4