Слайд 2
УАРЗЫНÆЙ
РÆСУГЪДДÆР
А ЗÆХХЫЛ
НÆЙ.
Чеджемты Æхсар
Слайд 7
Урочы нысантæ:
Бæлвырд, нывæфтыд фæлгонцты æххуысæй æмдзæвгæйы сæйраг
хъуыды бамбарын кæнын.
2. Æмдзæвгæйы бастдзинад авторы цардимæ.
3.
Лирикон хъайтары фæлгонц æмæ авторы уды рæсугъддзинад, гуманизмыл рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын.
Эпигрæф урокмæ:
«Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид.
Уарзондзинад!..»
Хетæгкаты Къоста
Слайд 9
«Если лишить литературу произведений, в
которых царит женщина, несущая и радость, и горе, и
вдохновение… Она понесла бы непоправимый урон, в ней наступило бы страшное опустошение.»
Белоусов Роман
Слайд 10
УАРЗОНДЗИНАД ДОЙНАГ ДУР
ДÆР ДОН КÆНЫ.
Æмбисонд
«ЛУЧШЕЕ ПРОЯВЛЕНИЕ БОГА НА ЗЕМЛЕ – СОЗВУЧИЕ СЕРДЕЦ, СРОДСТВО ДУШ … ЛЮБОВЬ.»
Коста Хетагуров
Слайд 11
Къостайы фыстæг Цæлыккаты Аннæмæ
«Мæ царды нысантæ, мæ домæнтæ æмæ мæ принциптæ
афтæ æндæрхуызон сты, æмæ уыдон ныртæккæйы уавæрты хъомылгæндтæй искæмæн» хъарын у æгъатыр ми, фыдзæрдæ адæймаджы ми. О, фæлæ æз, уарзгæ кæнын, уарзгæ, 40 мин æфсымæрæй дæр тыхджындæр куы уарзын. Æз уарзгæ кæнын æмæ мæ уымæ гæсгæ фæнды, цæмæй уыцы уарзон адæймаг æппынæдзух мемæ уа, алы сахат, алы минут йæ уындæй мæхи рæвдауон, йæ фæлмæн улæфтæй мæхи æфсадон, йæ царды алы уысм дæр ын æнæвгъауæй дæттон. Дæ царды æппæт уысмтæ дæ уарзон адæймагæн цы ратдзысты? Ау, куыд цы! Уарзондзинад, ме 'хсидгæ, æнæсивгæ уарзондзинад. Ноджы ма æнæзæрдæхудт куыст, сыгъдæг зæрдæ, тырнындзинад, ссæст æмæ æфхæрд кæстæр æфсымæрыл аудын, ноджы ма нывкæнынад, музыкæ, поэзи».
Слайд 13
«В поэзии… Коста Хетагурова Анна
Цаликова
занимает центральное место: ей
посвящены и чувствами к ней
вызваны
лучшие перлы творения осетинского поэта».
Гиго Дзасохов
Слайд 14
Хæрзбон!..
Ифтонг хызынæй,
лæдзæгæй, æрчъитæй,
Скодтон уæрдæхæй дзыхъхъыннæуæг рон,
Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй…
Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын : хæрзбон!..
Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,
Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;
Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,
Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын…
Гъе ныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ.
Дардмæ дæ хæддзуйæ мацæуыл дом!
Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ,
Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном…
Чи зоны, искуы æрæфта дæ зæрдыл
Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын,-
Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл
Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын,-
Ма-иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ
Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр,-
Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ
Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр.
Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ,-
Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон
Уый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ…
Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..
Лирикон герой
Ифтонг- хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй.
Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры…
Гъе ныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ.
Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ, Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…
Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ…