ас, формæ, хъæд æмæ а.д.) «Хæрзконд, саулагъз чызг фæцæйцыди
ахуырмæ»Баст сты кæрæдзиимæ иугæнæг бæттæгтæй. (æмæ, дæр-дæр æмæ а.д.) «Хæрзконд æмæ саулагъз чызг фæцæйцыди ахуырмæ»
Се’ппæт дæр фæбæрæг кæнынц бæрæггæнинаг дзырды «Хæрзконд æмæ саулагъз чызг фæцæйцыди ахуырмæ» - хæрзконд чызг, саулагъз чызг
Бæттæгтæй баст куы нæ уой, уæд сæ дзургæйæхицæн кæнын хъæуы паузæ, фысгæйæ та- къæдзыгæй «Хæрзконд, (Паузæ) саулагъз чызг фæцæйцыди ахуырмæ»
Алыхуызон бæрæггæнæнтæ
Фæбæрæг кæнынц предметæн йæ алыхуызон миниуджытæ «Уалдзыгон рæсугъд зарæг райхъуысти»
Се’хсæн нæй сывæрæн иугæнæг бæттæг «Уалдзыгон (æмæ!!!!!) рæсугъд зарæг райхъуысти»
Бæрæггæнинаг дзырды фæбæрæг кæны хæстæгдæр æм цы бæрæггæнæн фæлæууы,уый, иннæ бæрæггæнæн та фæбæрæг кæны бæрæггæнинаг дзырд æмæ фыццаг бæрæггæнæны иумæ «Уалдзыгон рæсугъд зарæг райхъуысти»
Арæх æвдыст вæййынц миниуæгæвдисæг кæнæ ахастæвдисæг миногонтæй «Хус хъæдын хидыл бæлццæттæ фæцæйцыдысты»